Конспект урока родного языка "Балц лексикæйы бæстæмæ"; 5 класс


Ирон æвзаджы урок-семинар 5 къласы.

Темæ: «Балц лексикæйы бæстæмæ».

Нысантæ: 1. Лексикæйæ рацыд æрмæг сфæлхат кæнын æмæ

бафидар кæнын.

2. Фæхъæздыгдæр кæнын скъоладзауты дзырдуат,

бакусын дзургæ ныхасы рæзтыл.

3. Разæнгард сæ кæнын мадæлон æвзаг ахуыр

кæнынмæ.

Урочы фæлгонц: слайдтæ, дзырдуæтты равдыст, фæйнæг.

 

Урочы цыд:

 

- Уæ бон хорз, сывæллæттæ, æмæ нæм æгас цæут, нæ зынаргъ уазджытæ.

Сывæллæттæ, раттæм-ма кæрæдзийæн салам, нæ зæрдæйы уаг равдисгæйæ: бахудæм нæ уазджытæм, кæрæдзимæ, стæй мæнмæ дæр.

- Ӕвæдза, дуне дзаг у алы диссæгтæй. Ӕмæ уыцы диссæгты ‘хсæн мах нæ хъус нал дарæм æппæты стырдæр диссагмæ – не ‘взагмæ. Адæмы æвзаг у, æмбал кæмæн нæй, ахæм царциаты диссаг. Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут, зæххы къорийыл цæрæг адæмы æнæ æвзагæй. Ахуыргæндæтæ тынг раджы æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, æмæ æрмæст æвзаджы фæрцы адæймаг рахицæн цæрæгойты ‘хсæнæй æмæ схызт эволюцийы тæккæ уæлдæр къæпхæнмæ.

Ӕвзаг у тынг хъæздыг алы фæзындтæй, æмæ нæ фæндид, цæмæй сæ пайда кæнын базонæм, цæмæй не ‘взаг уа аив æмæ раст.

(Хъуысы телефоны дзæнгæрæг, ахуыргæнæг кæимæдæр дзуры)

- Мæнæ мæм æрбадзырдтой ирон æвзаджы уæлдæр скъолайæ æмæ нæ хонынц балцы. Фæнды уæ балцы ацæуын?

Ӕрмæст кæдæм, уый нын нæма схъæр кодтой – хъуамæ йæ нæхæдæг базонæм – уый нын пароль уыдзæн, æмæ нын уæд дуар байгом уыдзæн.

Ныртæккæ мæнæ ацы дзырдбыды мах ссардзыстæм æмбæхст дзырд, æмæ нын, чи зоны, уый феххуыс уыдзæн дуар бакæнынæн.

 

Дзырдбыд «Ссар æмбæхст дзырд»

 

 

с

æ

л

ы

н

 

в

е

д

р

а

х

у

ы

к

к

о

м

р

а

й

с

о

м

æ

х

с

и

н

 

к

æ

р

ц

хъ

æ

п

æ

н

 

  1. Дон их кæнын. 1сл.

  2. Митын лæджы сæрыл æй æркæнынц. 2сл.

  3. Сырдтæ дзы бамбæхсынц зымæджы уазалæй. 3сл.

  4. Боны райдайæн. 4сл.

  5. Митын бæстæйы сылгоймаг-паддзах. 5сл.

  6. Зымæгон хъарм хъуынджын уæлæдарæс. 6сл.

  7. Бирæ миты рæдзæгъд. 7сл.

 

-Тынг раст. Уый у дзырд ЛЕКСИКӔ. (Слайд- дуар) Нæ дуар байгом ис. Базыдтам æй, кæдæм нæ хонынц, уый.

-Уæдæ цы у лексикæ?

1. Ӕвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ хуыйнынц лексикæ.

2. Лексикæ цы наукæ ахуыр кæны, уый та у лексикологи.

- Нæ дуар байгом кæныны нын цы феххуыс ис?

-Нæ дзырдуатон æвæрæнтæ, ома, нæ лексикон.

-Уый та цы у?

-Адæймаг цы дзырдтæ зоны, уый.

 

- Балцы мах æмбырд кæндзыстæм алы «сусæгдзинæдтæ», кæцытæ нæ нæ дарддæры царды æнæмæнг бахъæудзысты. Ӕрмæст мах хъуамæ уæм кæрæдзиимæ хæлар, сæрæн, къæрцхъус, æмæ нын уæд бирæ бантысдзæн. Балцы кæрон та алчидæр скæндзæн хатдзæг йæ куыстæн.

Немæ райсдзыстæм боныгтæ – нæ кусæн тетрæдтæ: цы фенæм, цы фехъусæм, цы базонæм, уыдон цæмæй уым фæбæрæг кæнæм, уый тыххæй. (Путевые заметки)

Уæдæ уал фыццаджыдæр нæ балцы нымæц афыссæм, стæй темæ. (Скъоладзау зæгъы нымæц, къуырийы бон)

Ӕз та билетты кой бакæнон. (Уары сын сыфтæ-билеттæ алыхуызон хæстимæ) (Слайд - поезд)

Мæнæ фыццаг станцæмæ æрбахæццæ стæм. (Фæйнæгыл магнитæй фидаргонд станцæты нæмттæ)

 

1æрлæууæн «Дзырды лексикон нысаниуæг»

 

- Ацы станцæй æнæмæнгæй æрлæууын хъуыдис, цæмæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм дзырды лексикон нысаниуæг.

- Дзырд цы фæбæрæг кæны, уый у йæ лексикон нысаниуæг.

- Раст. Уæдæ ма мæнæ ацы дзырдты нысаниуæг сбæрæг кæнæм.

Нысаниуджытæ фæбæрæг кæнут уæ боныгты.

  1. Фæззæджы фæстæ цы афæдзы афон цæуы. Зымæг.

  2. Зымæгон æрдзон фæзынд. Мит.

  3. Афæдзы дыууадæсæм мæй. Цыппурсы мæй кæнæ декабрь.

  4. Сывæллæтты æппæты уарзондæр зымæгон бæрæгбон. Ног аз.

  5. Митæй арæзт адæймаг. Митын лæг.

- Нæ фæндаг дарддæр кæнæм. Цæугæ-цæуын аныхас кæнæм, дзырдты лексикон нысаниуджытæ кæм лæвæрд цæуынц, ууыл.

- Алыхуызон дзырдуæтты.

- Зындгонд францаг фыссæг Анатоль Франц афтæ загъта дзырдуаты тыххæй: «Дзырдуат у дамгъуатмæ гæсгæ арæзт дуне. Хорз куы ахъуыды кæнай, уæд дзырдуат у чингуыты чиныг. Йæ мидæг ис алкæцы чиныг дæр, æрмæст æй хъæуы уырдыгæй сисын».

- Цавæр дзырдуæттæ зонæм?

- Ӕмбарынгæнæн, тæлмацæгæнæн, синонимты, антонимты, фразелогион, орфоэпион, этимологион…

- Ӕмæ уæд дзырдтæ та дзырдуаты мидæг куыд æвæрд сты?

- Дамгъуаты уагæвæрдæмæ гæсгæ.

- Уæдæ ма мын зæгъут, бабайæ дадайæ чи хистæр у?

- Баба.

- Уæд чызг раздæр цæуы æви лæппу?

- Лæппу.

- Дзургæ-дзурын фæндаг куыд цыбыр кæны. Цы тагъд æрбахæццæ стæм дыккаг станцæмæ.

 

2 æрлæууæн «Иунысанон æмæ бирæнысанон дзырдтæ»

 

- Иу нысаниуæг кæмæн вæййы, уыцы дзырд хонæм иунысанон. Зæгъæм, зымæг, мит, фондз.

- Дыууæ кæнæ фылдæр нысаниуæджы цы дзырдтæн вæййы, уыдон та хонæм бирæнысанон. Зæгъæм, къах, был, сæр.

- Бузныг. Зæгъут-ма, бирæнысанон дзырдтæн сæ нысаниуджытæ куыд хонæм?

- Дзырды нысаниуджытæй иу вæййы комкоммæ нысаниуæг, иннæ та – ахæсгæ нысаниуæг.

- Сæйрагдæр дзы кæцы у ацы нысаниуджытæй?

- Сæйраг нысаниуæг у комкоммæ.

- Ахæсгæ нысаниуæг та сæвзæры комкоммæ нысаниуæджы бындурыл.

- Арæх æнгæс чи вæййы, ахæм предметтæ, æууæлтæ, архæйдтытæ иу номæй æрцæуынц загъд.

- Уæдæ кæмæй фæзæгъынц арс? – Дынджыр, тыхджын æмæ æнарæхст адæймагæй. (Сывæллæттæ дзурынц радыгай).

- Уæд гæды та кæмæй? – Хин, сайаг, мæнгард адæймагæй, стæй йæ митæй.

- Рувас та? – Уый дæр ахæмæй.

- Хорз. Уæдæ ма мæнæ ахæм куыст бакæнæм. Радыгай размæ уайут æмæ фыссут нысангонд дзырдтæн сæ ахæсгæ нысаниуæг.

 

Сыгъзæрин сахат сыгъзæрин адæймаг

Сау дзыккутæ сау зæрдæ

Фæлмæн къухтæ фæлмæн ныхас

Уазал бон уазал цæстæнгас

 

- Мæ зæрдæ мын куыд тынг барухс кодтат. (Сывæллæттæй исчи зæгъдзæн, ацы дзырд дæр бирæнысанон кæй у)

-Мæнæ цы дзæбæх фæзмæ æрбахæццæ стæм.

 

3 æрлæууæн «Синонимты фæз»

 

-Куыд рæсугъд, аив, зæрдæмæдзæугæ у ацы фæз!(Сыв. радыгай)

- Тынг раст дзырдтæй спайда кодтат. Куыд хуыйнынц дзырдтæ дзæбæх, рæсугъд, аив, зæрдæмæдзæугæ?

- Уыдон синонимтæ сты.

- Сæ нысаниуæг иухуызон кæмæн у, ахæм дзырдтæ.

- Кæнæ сæ нысаниуæг хæстæг кæмæн у, ахæм дзырдтæ.

- Иттæг раст зæгъут. Цомут, æмæ атезгъо кæнæм синонимты фæзы, æрмæст уæхи ма суазал кæнут.

- Мæнæ- ма, цы бæрзонд бæлас!

- Куыд стыр у!

- Куыд дынджыр у!

- Куыд егъау у!

- Цы бирæ мит ис ацы фæзы.

- Дзæвгар дзы ис мит.

- Кæс-ма, кæс, синонимтæй дзурын куыд райдыдтой, фæзмæ æрбацæугæйæ!

- Уæдæ-ма уæ билетты цы хъуыдыйæдтæ ис, уым нысангонд дзырдтæн сæ синонимтæ ссарут.

 

Бæлццæттæ дзæвгар ауадысты. Бирæ.

Зондамонæгмæ хъусут! Ахуыргæнæгмæ.

Сабитæ хъæлдзæгæй тезгъо кæнынц. Сывæллæттæ.

Гыццыл чызг миты фæкалдис. Чысыл.

 

Ныр та ахъазæм. Ӕз уын дзурдзынæн дзырд, сымах чи тагъддæрæй зæгъут дзырды синоним, æмæ сæ рæвдз афыссæм.

Уазал – хъызт

Стонг – æххормаг

Хæмпус – пух

Кæуын – тъизын

Фыдхуыз – мæллæг

Худын – кæл-кæл кæнын

 

- Куыд кæсын, афтæмæй уе ‘ппæт фаг активон не стут, чи зоны, чидæртæ æфсæрмы дæр кæнынц. Уыдонæн та ныртæккæ ратдзыстæм хицæнæй бакусинæгтæ. (Карточкæтæ)

-Цомут уæртæ уыцы бæлæсты ‘рдæм. Ай та цы ран у цымæ?

- Ӕз æй зонын. Антонимты къохмæ æрбацыдыстæм.

 

4 æрлæууæн «Антонимты къох»

 

Цæй, уæдæ ам аулæфæм иучысыл. Цæмæй йæ базыдтат, ай антонимты къох у, уый? Цы уынæм нæ алыварс?

- Бæрзонд æмæ ныллæг бæлæстæ.

- Ставд æмæ лыстæг зæнгтимæ.

- Фæлмæн æмæ хъæбæр къалиутимæ.

- Мит ранæй-рæтты у арф, ранæй-рæтты та тæнæг.

- Фæзы рухсдæр уыди, ам талынгдæр у.

- Раст. Цы дзырдтæй спайда кодтат, уыдон куыд хуыйнынц?

- Антонимтæ – сæ нысаниуæг ныхмæвæрд кæмæн у, ахæм дзырдтæ.

- Ӕнхъæлдæн, æмæ ихæн кæнын райдыдтат. Ахъазæм-ма уæдæ иучысыл.

(Физминуткæ)

Фыдæнæнтæ

Галиу къух – рахиз къух

Галиу къах – рахиз къах

Ӕз уæлæмæ – мах дæлæмæ

Ӕз фæстæмæ – мах та размæ

Рахизырдæм – галиуырдæм

Цæй æрбадæм – ныр та сыстæм

Цæст æрæхгæн – байгом æй кæн

Цæсгом амбæхс – равдис-ма йæ

Ӕз мæсты дæн – мах та хъæлдзæг!

 

- Тынг сæрæн стут, уæ цæрæнбон бирæ! Бафæллайын мæ кодтат, уæддæр мын сайын нæ бакуымдтат. Иучысыл нæ фæллад суадзæм æмæ байхъусæм зымæгон хъæды тыххæй нæм цы текст ис, уымæ.

Зымӕгон хъӕды.

Зымӕгон хъӕды у ӕнкъарддӕр сӕрдыгон хъӕлдзӕг хъӕдӕй. Бӕстӕ ныссабыр. Иу сыбыртт никӕцӕй цӕуы. Дӕ алыварс куы акӕсай, уӕд фендзынӕ ӕрмӕст дыууӕ хуызы: урс ӕмӕ сау. Сырдтӕ уазалӕй сӕ хъарм цӕрӕнуӕтты бамбӕхстысты. Сӕхицӕн рагацау хӕринаг бацӕттӕ кодтой ӕмӕ ӕфсӕстӕй, ӕнӕмӕтӕй фынӕй кӕнынц. Иунӕг бирӕгъ ӕххормагӕй, мӕстыйӕ хъӕды къуымты рацу-бацу кӕны…

Рафыссут-ма ацы текстæй антонимты къæйттæ:

Зымæгон – сæрдыгон

Ӕнкъард – хъæлдзæг

Уазал – хъарм

Урс – сау

Æфсæстæй – æххормагæй

Æнæмæтæй – мæстыйæ

 

Бузныг, раст сæххæст кодтат ацы хæс дæр. Фæлæ нæ дарддæр цæуын хъæуы.

Мæнæ цы æнахуыр ранмæ æрбахæццæ стæм! Уæртæ дзы цыдæр фыстæджытæ уынын. Бакæсæм-ма сæ.

- Ӕгадæй чи цæры нæ хъæуы

Мах ахæм æмбæлттæ нæ хъæуы.

- Зилы, зилы дымгæ комы

Фæлæ быдырмæ нæ комы.

- Ӕз æдзух мæ зæрдыл дарын

Дарæс зонын хъæуы дарын.

(Ахуыргæнæг худы) – Кæм стæм, уый бамбæрстат?

-О, омонимты бæстæйы.

-Растдæр æй куы зæгъæм, уæд Омонимты цъымарайы.

 

5 æрлæууæн «Омонимты цъымара»

 

Цы сты омонимтæ та?

-Ӕмхуызон чи хъуысы, фæлæ сæ нысаниуджытæ бынтон алыхуызон кæмæн вæййынц, ахæм дзырдтæ.

Бамбарын-ма кæнæм, цы хъуыдыйæдтæ бакастыстут, уым лæвæрд омонимты нысаниуæг:

Нæ хъæуы - в нашем селе

Нæ хъæуы - не нужен

Комы - в ущелье

Комы - не хочет

Дарын - помню

Дарын - носить одежду

- Дзырдæппарæнтæй та ахъазæм уæдæ:

Сис - подними, сис – къул; худ – шапка, худ – улыбайся; бырон – ползти ли мне, бырон – мусор, хъомыл – выросший, хъомыл – на скотину.

- Мæн фæнды, цæмæй ныртæккæ нæ зынаргъ уазджытæ иучысыл ахудой. Цымæ цы æрцæуы хатгай, дзырдты нысаниуджытæ чи нæ фембары, ахæм адæймæгтимæ?

(Сценкæтæ)

  1. Мадæн йæ сæр риссы, æмæ йæ фырты арвыста хосмæ.

Цу-ма, мæ лæппу, хос мын æрбадав, мæ сæр тынг риссы.

Уый ацыдис æмæ йын хус кæрдæджы баст кæцæйдæр æрбахаста.

-Ай мын цы æрбхастай, исты дын рæуæд кæнæ бæх дæн?

Лæппу фырæфсæрмæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта, æмæ уыциу тахт афтекмæ акодта сæрнизы хосмæ.

 

- Кæм фæрæдыдис лæппу?

- Лæппу нæ зыдта иуæй-иу дзырдтæн кæй ис омонимон нысаниуæг: хос – сено, хос – лекарство.

 

  1. Дыууæ æмбалы хæрæндонмæ бацыдысты æмæ кæсынц – адæмæй йе дзаг.

Оу, мæнæ дзы абон цас хæрджытæ ис!- загъта сæ иу.

Иннæ йæм уайдзæфгæнæгау сдзырдта:

Уый куыд зæгъыс адæмæй хæрджытæ?!

- Ӕмæ æвзæрæй куы ницы загътон, ома, зæгъын цас адæм æрбацыдис хæрынмæ.

 

- О, мæ хуртæ, афтæ дæр вæййы… Лексикæ пайда кæнын хъуамæ алы адæймаг дæр зона… Уæвгæ фæстæмæ здæхын афон у, куы ныл æрталынг уа, мыййаг. Фæндагыл та æрдзурæм, цæмæн хъæуы лексикæ зонын, ууыл. Уымæн æмæ дзырд тыхджын у. Ӕмæ алы дзырдæй дæр хъæуы пайда кæнын тынг арæхстджынæй æмæ арæхстгай. Дзырдæн йæ бон бирæ у: бафхæрын, низ бафтауын, зæрдæ фæриссын кæнын, æмæ иннæрдæм дæр: ныфс бауадзын, æнцойдзинад раттын, зæрдæ бахъæлдзæг кæнын. Ӕмæ уæздан, фендджын адæймаджы ныхасы кæддæриддæр хъуамæ разына ахæм дзырдтæ.

Иу рагон мысираг паддзах йæ фырты афтæ ахуыр кодта: «Будь искусным в речах – слово сильнее, чем оружие».

- Ныр та сымах зæгъут уæ хъуыдытæ нæ абоны балцы тыххæй. Табуафси.

- Абон æз базыдтон, куыд тынг æххуыс сты мæнæн ме ‘взаджы синонимтæ æмæ бирæнысанон дзырдтæ, цæмæй уыцы иу дзырд алыхуызон дзырдтæй зæгъон.

-Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыдис антонимтæй хъазт: уыдоны фæрцы нæ бон у алыхуызон ныхмæвæрд æнкъарæнтæ равдисын.

-Ӕз та омонимты цъымарайы иучысыл фæтарстæн:раст сæ куы нæ пайда кæнай, уæд æфсæрмыйы аныгъуылдзынæ.

- Мæнмæ дæр зынгомау фæкастысты омонимтæ, фæлæ синонимтæ, антонимты руаджы бирæ фæхъæздыгдæр кодтам нæ лексикæ.

- Мæнæн та мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис физминуткæ: бахъæлдзæг стæм, стæй не уæнгтæ аивæзтам.

-Уæд тынг зын кæмæн уыди нæ балцы рæстæг, чи бафæллади, чи стыхсти æмæ фæтарсти, ахæмтæ ис не ‘хсæн? – Нæй.

Тынг разы уæ дæн абон, хорз бакуыстат иууылдæр, фæлæ æппæты активондæр уыдис (уыдысты) … , æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).

Хуыздæр дзуæппытæ лæвæрдта(ой)… æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).

Растдæр йæ хъуыдытæ дзырдта(ой …, æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).

Хъуыдыджын, æххæстæр дзуæппытæ уыдис… æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).

Чысыл къуыхцытæ кодта(ой)…, æмæ сын (йын) æвæрын цыппар(тæ).

 

Уæдæ-ма уæ зæрдæйы уаг ноджыдæр иухатт равдисут нæ зынаргъ уазджытæн.

- Ныр та хæдзармæ куы æрбацæуат, уæд уæ зæрдыл нæ балц æрлæууын кæнут, æмæ уæ мысинæгтæ цыбырæй уæ боныгты-тетрæдты фæбæрæг кæнут.

Стыр бузныг уæ дæн, фæндараст кæнут!

 

 


Полный текст материала Конспект урока родного языка "Балц лексикæйы бæстæмæ"; 5 класс смотрите в скачиваемом файле.
На странице приведен фрагмент.
Автор: Габуева Неля Таймуразовна  Публикатор
01.11.2019 0 1948 27

Спасибо за Вашу оценку. Если хотите, чтобы Ваше имя
стало известно автору, войдите на сайт как пользователь
и нажмите Спасибо еще раз. Ваше имя появится на этой стрнице.



А вы знали?

Инструкции по ПК