Конспект урока родной литературы; 6 класс


Гом урочы пълан ирон литературӕйӕ 6 къласы.

Урок бацæттæ кодта Хъоцыты Томарӕ.


 

Темæ: Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг»-ы.

 

Нысан: Ахуыр кӕнын басняйы архайджытӕн характеристикӕ дӕттын.

Абарын Хетӕгкаты Къостайы басня «Марходарӕг » ӕмӕ И.А.Крыловы басня «Лисица и виноград».

 

Универсалон ахуырадон архайдтытæ :Ахуырадон:

Текстимæ куыст: темæ æмæ сæйраг хъуыды æргом кæнын тексты мидæг.

Ахуырдзауты дзырдуат фӕфылдӕр кӕнын, анализ кӕнын.

 

Коммуникативон:

Хи хъуыды дзурын æмæ йæ фæлварын фидар кæнын.

Къордтӕй куыст.

 

Регулятивон:

Хатдзæгтæ аразын.

Аив кæсын текст.

 

Урочы фӕлгонц: техникон фӕрӕзтӕ, компьютер, презентаци,интерактивон фӕйнӕг, карточкатӕ таблицӕимӕ.

 

Эпиграф:

«Бердзенаг хуыцӕутты Хуыцау-Зевсы бардзырдмӕ гӕсгӕ Прометей ӕлыгӕй сарǣзта адӕм ӕмӕ цӕрӕ -гойтӕ.Зефс куы федта,ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕ адӕмӕй фӕфылдӕр сты, уӕд ын загъта,цӕмӕй цӕрӕгойтӕн сӕ иу хаййӕ фӕстӕмӕ адæм рацараза. Прометей йӕм бай -хъуыста,фӕлӕ хъуыддаг ӕндӕрырдӕм рауад.Цӕрӕ-гойтӕй арӕзт адӕм райстой адӕймаджы хуыз,фӕлӕ сӕ удтӕ баззадысты сырдты удтау….

( Бердзенаг миф.)

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Уазджытӕн салам раттын.

-Сывӕллӕттӕ,акӕсут ма рудзынгӕй ӕмӕ зӕгъут, цавӕр боныхъӕд у абон?

-Цавӕр зӕрдӕйы уаг уӕм ӕвзарын кӕны?

-Ӕмбарынад ӕмбӕлтты ‘хсӕн куынӕ уа,

Уӕд рауайдзӕн сӕ хъуыддагӕй хъуырдухӕн.

- Тынг мӕ фӕнды,цӕмӕй нӕ урок ауадзӕм хорз зӕрдӕйы уагыл.

2. -Сывæллæттæ,ӕрбакӕсут фыссӕн фӕйнӕгмӕ, базонут ӕмдзӕвгӕты сӕргӕнттӕ сӕ фыццаг рӕнхъытӕм гӕгӕ ӕмӕ сӕ зӕгъут. Чи у сӕ автор?

а.Къух дӕ аузын фӕразы…

Мӕй дӕ авдǣнимǣ хъазы…

(А-лол=лай!).

ӕ.Зымǣг нǣ хǣхты цух нǣ уадзы,-

Лǣджы ǣмбӕрц ӕруары мит;…

(Мӕгуыры зӕрдӕ).

б.Раджы уӕйыгмӕ лӕскъдзӕрӕн

Иу мӕгуыр лӕг цард…

(Лӕскъдзӕрӕн).

в.Гъа!Ныр ахст дӕ,цъиу,фӕлӕу

Нал аирвӕрдзынӕ,…

(Цъиу ӕмӕ сывӕллӕттӕ).

г.Фест райсомӕй лӕгау ,

Ныхс сапонӕй дӕхи….

(Лӕгау).

/ХЕТӔГКАТЫ КЪОСТА/

Ныр та лӕвӕрд хъуыдыйӕдтӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ баххӕст кӕнут дзырдтӕй: кад,амонд, намыс, Нар(хъӕу),Леуан,(ирон)фӕндыр.Сӕвӕрут сӕ хъӕугӕ хауӕны.

1.Къоста йӕ фыд…. стыр аргъ кодта.

2.Ирон адӕм Къостайӕн кӕнынц стыр….

3.Къоста йӕ сывӕллоны бонтӕ арвыста….

4.Къоста цӕрӕнбонты бӕллыд йӕ адӕмы….

5.Къоста йе’мдзӕвгӕты ӕмбырдгонд схуыдта….

6.Къоста у Ирыстоны кад ӕмӕ….

 

 

 

Уӕдӕ махӕн Къоста амыдта зонд,хуыдта нӕ иудзинадмӕ,сомбоны рухс цардмӕ.

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм йӕ «Балцы зарӕг» ӕмӕ йӕ азарӕм.

Цавӕр литературон уацмысыл ма фебӕлӕм зондамындыл?

Эпиграфмӕ рахизын ӕмӕ йӕ бамбарын кӕнын.

3- Цы у басня?

4- Басняты сæйраг архайджытæ чи вæййынц?

- Хæдзармæ уын лæвæрд уыди ахæм хæс: бацагурут æмæ бацæттæ кæнут æрмæг зындгонд уырыссаг æмæ фæсарæйнаг басняфысджыты тыххæй. Уæ хорзæхæй, базонгæ нæ кæнут, цы зонындзинӕдтӕ райстат, уыдонимæ.

 

1-аг ахуырдзау: Презентаци Эзопы тыххæй.

Эзоп уыди рагон бердзенаг басняфыссæг, басняйы бындурæвæрæг. Царди æхсæзæм æнусы нæ эрæйы агъоммае. Цагъайраг кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ бон рæстдзинад æргом дзурын нæ уыд; уый тæссаг уыд йæ цардæн. Фæсномыг ныхас кæй æрхъуыды кодта, уымæ гæсгæ йæ ном баззад куыд «Эзопы æвзаг».

 

 

Эзопæн йæ æддаг бакаст фыдуынд уыд, фæлæ уыд курдиатджын æмæ цыргъзонд адæймаг, хорз арæхстис баснятæ фыссынмæ. Йæ баснятæ фыст уыдысты прозæйæ, хуымæтæг æмæ æнцон æмбарæн æвзагæй, цыргъзонд.

Таурæгьмæ гæсгæ, Эзоп фæмард Дельфийы. Дельфийæгтæ тарстысты, сæ гæды, фæлывды митæ сын Эзоп куы рахъӕр кæна æмæ адæмы цæсты куы фæхудинаг уой, уымæй. Цæмӕй дзы фервæзой, уый тыххæй йын йæ хызыны сусæгæй нывæрдтой аргьуанæй ист сыгъзæрин къус. Схуыдтой йæ давæг, рахастой йын марыны тархон æмæ йæ къæдзӕхæй раппæрстой. Æнаххос адæймаджы кæй амардтой, уый тыххæй сыл æрцыд тынг бирæ фыдбылызтæ.

 

2-аг ахуырдзау: Презентаци. И.А. Крыловы тыххӕй.


 

 

Уырыссаг басняфыссæг Иван Крыловы ном чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг тынг зын ссарæн у. Крылов райгуырд æртындæсæм февралы мин авдсæдæ æхсай фарастæм (1769) азы. Йæ фыд службæ кодта æфсады, фесгуыхт Пугачёвы растады рæстæг. Амард мæгуырæй капитаны цины. Йæ мад кæд æнахуыргонд уыд, уæддæр æрдзæй уыд тынг зондджын сылгоймаг æмæ йæ фæндыд, цæмæй йæ цот ахуыры фæндагыл ныллæууыдаиккой. Хæдзары ахуыр кодтой фыссыныл, арифметикæ ӕмӕ Хуыцаумӕ кувы- ныл. Мин авдсæдæ æвдай цыппæрæм (1774) азы Крыловы бинонтæ æрцардысты Тверы. Иванæн ахуыр кæныны фадат фæцис цыппар азы фæстæ. Бынæттон хъæздыг лæг тынг фæдис кодта лæппуйы тырнындзи- надыл ахуырмæ æмæ йын бар радта йӕ сывӕллӕттимӕ ахуыр кæнынæн. Йæхи æгъдауæй сахуыр кодта литера- турæ, математикæ, французаг æмæ италиаг æвзæгтæ.

Мин астсæдæ фарастæм (1809) азы фæзындис йæ басняты фыццаг чиныг. Йæ басняты хурмæ хаста адæймаджы аиппытæ: хиуарзондзинад, хиппæлойты, цытуарзын, æдылыдзинад, мæнгарддзинад.

 

3-аг ахуырдзау: Презентаци .Жан де Лафонтен у зындгонд французаг поэт æмæ басняфыссæг. Цардиæхсæрдæсæм æнусы. Йæ сывæллоны бонты фыдуаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ йæ ныййарджытæ арвыстой Парижмæ, семинарийы ахуыр кӕнынмӕ. Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд цард йӕ ныййарджытимӕ. Иуцасдаер рӕстӕджы фӕстӕ ногӕй Парижмӕ ацыд æмӕ литера-турон куыстыл ныллæууыд. Ныффыста дыууадæс (12) басняты чиныджы. Йæ уацмыстæ уыдысты тынг цымы- дисаг, аив æвзагæй фыст, тæлмацгонд цыдысты дунейы бирæ æвзæгтæм. Равзæрстой йæ Французаг академийы уæнгæй.


 

 


 

  • Стыр бузныг. Ирон литературæйы та чи фыста баснятæ?

  • Цавæр басня сахуыр кодтам 5-æм къласы?

  • Чи нын æй æрлæууын кæндзæн нæ зæрдыл?


 

 

 

БИРӔГЪ ӔМӔ ХЪРИХЪУПП


 

 

- Цавæр зондамындыл нӕ цайдагъ кӕны уыцы басня?

-Цавæр хорз миниуджытӕ бадардтат уӕ зӕрдыл?

  • Æвзæр миниуджытæй та дзы кæцытыл худы Къоста?

Цы зонындзинæдтæ райстам, уыдоныл ма ноджыдæр бафтаудзыстæм, цæмæй нæ миддуне хъæздыгдæр кӕна, ууыл бацархайдзыстæм.

Хъазт

  • Ныр та иучысыл ахъазæм. Нæ хъазт хуыйны «Разы стут ...?». Алы партæйыл дæр ис сыфтӕ таблицӕ- тимӕ .Цифрæтæй бæрæггнод сты фӕрстыты нымæцтæ. Мæ алы фарст дæр райдайдзынæн : «Разы стут...?» Кæд разы уат, уæд цифрӕты ныхмӕ фыссут « о » , кæд нæ, уад та «нӕ» .

1

2

3

4

5

6

Райдыдтам нӕ хъазт!

1) Разы стут,басня кӕй у цыбыр уацмыс? Йæ архайджытæ сты зайæгойтæ, сырдтæ, дзаумæттæ, фæлæ дзы ныхас фæцæуы адæймаджы миниуджытыл?

2)Разы стут, басняйы адæймаджы хорз миниуджытыл кæй фæхудынц ?

3)Разы стут, басняйы сæйраг хъуыды æмбисондæй загьд кæй æрцæуы ?

4) Разы стут, фыццаг баснятæ 2500 азы размæ кæй фæзындысты ?

5) Разы стут, Хетæгкаты Къоста баснятæ кӕй фыста ?

6)Разы стут, баснятæ чи æрхъуыды кæны, уыцы адæймаджы басняфыссæг кӕй хонынц ?

7)Разы стут, басня прозæйæ фыст кӕй вæййы ?

Кæцы фӕрстытæ уæм фæкастысты зын?

Ныр та уал уæ сыфтæ иуварс авæрут. Раст дзуаппытæ раттат æви нæ, уый та сбæрæг кæндзыстæм, нæ урочы темæ куы раргом кæнæм, уæд.

 

НОГ ÆРМÆГЫЛ КУЫСТ.

Радзурын таурæгь адæймаджы ӕнӕфсис æмæ гуыбындзӕлдзинады тыххæй .Байхъусут Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарæг»-мӕ. Кæсы йæ актёр Битаты Роберт.

 


 

ӕ Ӕнæзонгæ дзырдтӕн равзарӕм сӕ нысаниуæг.

2. Дзырдуатон куыст:

МАРХОДАРÆГ – комдарæг адæймаг. Динылхӕцӕг адæймагæн афæдз иу мæйы дæргъы сойаг хæрын не‘мбæлы. Уыцы бæрæгбон хуыйны мархо.

Мархо чи дары, уый та - марходарæг.

УРСАГ - æхсыр æмæ æхсырæй конд хæринæгтæ.

МÆХЪИ - хохы фæхстæй хос цæмæй ластой, ахæм хъилтæ.

УÆРДÆХ - здыхст лыстæг уис, бæттæн, синаг.

ГУЫДЫНХЪУС - чъынды, гуыбындзæл, бирæхæраг.

3. Басняйы анализ

Чи сты басняйы архайджытæ?

(куыдз æмæ гæды)

Цæмæ у сæ каст сæ дыууæйæн дæр?

(сæ каст у фиумæ, сæ бæллиц- сæххæссын æм, фæлæ уыцы хъуыддаг сæ иуы къухы дæр не‘фты)

Цавæр сусæгдзинад æмбæхсынц cӕ кӕрӕдзийӕ куыдз æмæ гæды? (Сæ былыцъæрттæ хæрынц фиумæ, фӕлӕ уыцы хабарыл сæ иу дæр нæ сæтты). Басняйы тексты кæцы рæнхъытæй бæрæг у?

(Уый бæрæг у куыдзы уайдзæф «Скастæ та йæм, цы?» æмæ гæдыйы дзуаппæй «Ма тæрс, æз мæ цардæн базыдтон æгьдау... Æз нал дæн мархохор дæуау»)

- Цавæр æмбисæндтæ æрхæссын у уæ бон ацы баснямæ?

«Ӕфсисы знаг-ӕнӕфсис»

«Бирæгъӕн йе сӕфт-йӕ гуыбын»

«Ӕнӕфсис лӕг-бирӕгъдзарм»

«Фыддзӕст-зынӕфсадӕн»

«Гуыбындзӕлдзинад-ӕгадгӕнӕг»

«Хæлæггæнаг цармæ цъындæй кæсы»

« Гуыбындзæлыл йæ гуыбын комдзог цæуы»

«Гуыбын дæлейӕ,сӕр уӕлейӕ»

- Крыловы баснятæй уын уæ зæрдыл кæцы æрлæууын кодта? («Лисица и виноград» (байхъусӕн æм).

- Æнгӕс сюжет ма ис Жан де Лафонтенмæ (ахуырдзау дзуры басня)

Ныр та абарæм Къостайы æмæ Иван Крыловы баснятæ - цы сæм ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц кæрӕдзийæ. Дих кӕнӕм 2 къордыл къордтыл.

1-аг къорд сæхимæ бæрæг кæндзысты æнгæсæй сæм цы ис, уый.

2-аг къорд - сæ хицæндзинæдтæ. Æххуысæн уæ разы уыдзысты басняты тексттæ. Алы къорды номæй дæр дзуапп дæтдзæн 1 ахуырдзау:

(рæстæг 5 мин.)

Хетӕгкаты Л.К. «Марходарӕг»

 Крылов А. И. «Лисица и виноград»

-Æрмæг куыд бамбæрстат, уый сбæрæг кæнынæн сæххæст кæнут хибарæй тест. Фæнысан кæнут раст варианттæ æмæ уæ сыфтæ радæттут (2 мин).


 

IV.ТЕСТ

1.Басня у...

а) цыбыр радзырд

б) зондамонæн радзырд

в) цыбыр фæсномыг ныхасæй фыст уацмыс зондамындимæ

2.Басняйы архайджытæ сты...

а) адæм

б) цæрæгойтæ, мæргътæ, зайæгойтæ

в) адæм, сырдтæ

3.Баснятæ фыстой...

а)адæмы аиппытыл ахудыны тыххæй

б)хирастдарын куыд хъæуы, ууыл

в)ахудыны тыххæй

4.Йæ формæмӕ гæсгæ басняйæн вæййы...

а)комкоммæ нысаниуæг

б)фæсномыг ахæсгæ нысаниуæг

5.Басняйы вæййы...

а)хатдзæг

б)хатдзæг дзы нæй, алчи йæ æрхъуыды кæны йæхæдæг

в)хатдзæг дзы нӕ хъæуы

Раздæхæм ма нæ 1-аг таблицæмæ. Ногæй дзуапп раттæм нæ фарстатæн æмæ баххæст кæнæм 2-аг рæнхъ.

-Кæцы фарстатæм гæсгæ уæ хъуыдытæ фæхицæн сты?

-Цæмæн?

-Нæ урочы дзуапп цавæр фæрстытæн нæ райстат?

Хатдзæгтæ:

-Сывӕллӕттӕ,бамбӕрстат ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕл адӕймаг ӕгадгӕнӕг кӕй у?

-Ссарут басняйы зондамынд рӕнхъытӕ.

-Цавӕр цардуагон уавӕртыл дзуры автор?

Ныр та уӕ алчидӕр йӕ куыстӕн аргъ скӕнӕд.

Хӕдзармӕ куыст:

1.Баснӕ «Марходарӕг» аив кӕсын.

2.Басняйы мидис рольтӕм гӕсгӕ дзурын.
 

Стыр бузныг,уӕ куыстӕй мӕ зӕрдӕ барухс.

Уӕ зӕрдыл бадарут мӕ фӕдзӕхст:

 

Ӕгъдаудзинад у дидинджыты баст,

Хӕрзиуджытӕй йӕ дидинсыфтӕ дзаг,

Ӕртонут дзы , ысбуц кӕнут уӕ цард,

Цӕмӕй мыггагмӕ баззайа уӕ кад!

 

ИРОН ДЗЫРДЫ ФАРНӔЙ ХАЙДЖЫН УТ!

ХӔРЗБОН!


 


Полный текст материала Конспект урока родной литературы; 6 класс смотрите в скачиваемом файле.
На странице приведен фрагмент.
Автор: Кочиева Томара Тенгизовна  Публикатор
24.12.2020 0 1195 225

Спасибо за Вашу оценку. Если хотите, чтобы Ваше имя
стало известно автору, войдите на сайт как пользователь
и нажмите Спасибо еще раз. Ваше имя появится на этой стрнице.



А вы знали?

Инструкции по ПК