Конспект урока родного языка "Имя существительное"; 5 класс
темæ:
Ирон æвзаджы урочы конспект 5 къласы “Номдар”
Беслæны 7 скъолайы ахуыргæнаг
Къуыллыты Джульеттæйы урок
Кълас-5
Предмет- Ирон æвзаг
Урочы тип-æрмаг ныффидар кæнын
Темæ: Номдары зонындзинæдтæ ныффидар кæнын.
Урочы нысæнттæ:
Ахуырадон:
1) Номдары нысаниуæг æмæ грамматикон æууæлтæ ныффидар кæнын.
2) Бакусын номдары морфологион, синтаксисон нысаниуæгтыл.
3) Номдары растфыссынад ныффидар кæнын.
Хъомыладон:
1) Гуырын кæнын сывæллæтты зæрдæты патриотон хъуыдытæ, уарзондзинад райгуырæн зæххмæ, мадæлон æвзагмæ.
Разæнгард кæнынадон:
1) Ӕвзæрын кæнын скъоладзауты зондахасты сæ хъуыдытæ æргомæй дзурын
2) Ныхасы рæзтыл куыст
3) Цымыдисдзинад æмæ цыбæлдзинад æвзæрын кæнын.
Урочы фæлгонц: компьютер, проектор, чиныг , презентации,карт-тæ,хуызджын жетонтæ.
Урочы цыд
Урочы этап
|
Ахуырг. куыст |
Скъ-ты куыст |
I. Орг-он хай |
Уæ бон хорз! Абон нæм урокмæ сæмбæлд уазджытæ! Цæй æмæ сæм бахудæм, æмæ сын зæгъæм:”Нæ зынаргъ уазджытæ, Æгас нæм цаут!” - Сыв-тæ сымах зонут мидбылхудт æмæ хорз зæрдæйыуагæй бирæ саразæн ис, уый? Амонджын цæсгæмттæ уынгæйæ куыст цæуы размæ! -Уæдæ ма сбæраг кæнæм цавар уды конд уын ис абон: Сырх – хорз, тынг,хорз. Бур – хорз. Цъах – æвзæр. Сывæллаттæ фыссынц нымæц, хæдзармæ куыст. |
Жетон – мæ Куыст
Фыс. ным |
II.Бахиз. хай. |
Байхъусут ма æмдзæвгæмæ, уым «æмбæст» ис нæ урочы темæ: Ном чи хæссы уыдон нын æвдисы Фæрстытæ Чи? Цы?-йæн дзуапп датты. Иумайаг æмæ сæрмагонд нæмттæ дзуры. Авд хауæны тасындзæг кæны. |
|
|
- Куыд хуыйны нæ абоны темæ? - Цавæр нысан сывæрдзыстæм нæ размæ? - Цæмæй райдайдзыстæм нæ куыст?
«Куыд кусын хъæуы къордты?» Уæ фæндаджы размæ сын зæгъут. Хи куыд дарын хъæуы къордты:
Зондамындтæ:
Цы зæгъа, уый- иу кæн!
Стæй дæхи раст хъуыды зæгъын! Фыццаг хæс 1. Сахуыр кæнут уæ мæршрутон сыф. |
|
Фæлх. кæнын |
Дыккаг хæс 1. Цы у номдар? (дæнцæгтæ) 2. Цавæр къордтыл дих кæны номдар?(удгоймаг, æнæуд, иумæйаг, сæрмагонд) 3. Цавæр нымæцтæ ис номдарæн? (дæнцæгтæ) 4. Цы у тасындзæг. Цал хауæны йын ис? (дæнцæгтæ) 5.Номдарты растфыссынад (р,л,м,н,й,у.) (дæнцæгтæ) 6.Хъуыдыйады цавæр хъуыдыйады уæнг вæййы номдар? |
Дзуапп дæт- тынц бы- натæй |
Практ. æгъд. бæрæг кæнæм зонындз. |
1.Фæззæджы цъиутæ атахтысты хъарм бæстæм.
2. Ирыстоны ис бирæ рæсугъд кæмттæ.
(Синтаксисон æмæ морфологион æвзæрст скæнын хъуыдыйæдтæн).
(Ссарут орфограммæ æмæ йын зæгъут йæ растфыссынад). 3.Цы амоны дзырд райгуырæн Ожеговы дзырдуатмæ гæсгæ ?
4. Ссарут дзырд (Ирыстонмæ) синонимтæ. Релаксаци. Равдисын презентаци «Ирыстоны кæмттæ» Ирыстоны рæсугъддзинад бынат ссардта поэты зæрдæты дæр! Байхъусæм ма Гæдиаты Цомахъ нын цы æмдзæвгæ ныффыста, уымæ. |
|
Цæмæн æй уарзын æз мæ Фыдыбæстæ. Цæмæн?
Рæсугъд у Ирыстон. Бæрзондæй фæлгæсынц рухс цæстæй æнусы цъититæ.
Ныгъуылынц хæхты цъуппытæ кæмдæр арвы цъæхты.Фидарæй лæууынц фæрсæй-фæрстæм рагон къæдзæхтæ. Сæ астæу арф ацыдысты кæммтæ.
Æрттивынц ранæй-ран къултæ зæлдаг кæрдæгæй хъæды къохтæй.
Дæлæ комы нарæгæй хъуысы уæлæмæ доны хъæлæба.
Рæсугъд у Ирыстон..
Зæрдæ йæм фехсайы,зæрдæ йæм фæласы йæхи.
-
Цавæр стильмæ хауы текст?
-
Текстæн йæ хуыз сбæрæг кæнут!
-
Цы у тексты сæйраг хъуыды? (Фыдыбæстæ у нæ алыварс цыдæриддæр ис, уый)
-
Ссарут тексты номдартæ. Сбæрæг сын кæнут сæ нымац æмæ сæ хауæн. Иуæй-иу номдартæ цæмæн фыссæм стыр дамгъæйæ?
Физминутка.
-
Цавæр æмбисонд зонут Фыдыбæстæйы тыххæй?
Райгуырæн бæстæ адджын у.
Райгуырæн бæстæ мады ад кæны.
Искæй бæстæ искæй бæстæ у.
-
Цæуыл нæ ахуыр кæнынц ацы æмбисæндтæ?
Хатдзæгтæ
Алы адæймаг дар хъуама йæ зардыл дара,цы зæххыл райгуырд, уый. Æнæ уидагæй кæрдæг дæр нæ зайы. Æмæ махæн та нæ уидæгтæ ам, Иры зæххыл сты.
Райгуырæн зæххæн йæ дур дæр хъарм хæссы æмæ йæ бахуыды кæнут,
махыл дæр стыр хæс æвæрд кæй ис нæ Фыдыбæстæйы, нæ адæмы раз.
Рефлекси
-Нæ капитантæ раттут бæрæггæнæнтæ уæ къордтæн.
-Сбæрæг кæнæм куыд фæзынд уæ уды кондыл нæ урок, кæд исты базыдтат ногæй, кæд уæ цастæнгас раивта æмæ фæхъæлдзæгдæр стут?
Сывæллæттæ вдисынц сæ жетонтæ.
Кæронмæ ахаццæ кæнут хъуыдыйæдтæ:
-Абоны урочы æз базыдтон…
-Тынг цымыдисаг мæм фæкаст…
-Ӕппатæй тынгдæр мæ зардæмæ фæцыд..
- Зынгомау мæм фæкаст…
-Цавæр бæрæггæнæн сывæрдтай дæхицан?
Кæронбæттæн.
Кæд абоны урокæй уæ уарзондзинад Фыдыбæстæмæ фæфидардæр, уæд нæ рæстæг дзæгъæлы нæ арвыстам…
Хæдзармæ куыст: Ныффыссын сочинени «Мæ уарзон фыдыбæстæ»
На странице приведен фрагмент.
Автор: Кулиева Джульета Алексеевна
→ Публикатор 25.12.2021 0 691 141 |
Спасибо за Вашу оценку. Если хотите, чтобы Ваше имя
стало известно автору, войдите на сайт как пользователь
и нажмите Спасибо еще раз. Ваше имя появится на этой стрнице.