Конспект урока родного языка "Описание предмета"


Темæ : « Предметы æрфыст»

Нысан:

- ахуырдзаутимæ тексты амбарынадыл бакусын;

-тексты хуызта ныффидар канын.

-авзаджы стильтай раст пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнын ;

 

 

Куысты хуызтæ –иумæйаг, къордты, индивидуалон

Универсалон ахуырадон архайдтытæ:

 

Зонын хицан кæнын айвадон ,хъуыддаджы æмæ предметы æрфыст.Раст аразын айвадон ,хъуыддаджы текстытæ предметы æрфыстимæ,аразын этюдтæ нывтæм гæсгæ, аразын предметы ,цæрæгойты рфыст хъусынгæнинаджы хуызы.

Предметон:сахуыр кæнын текст аразын предметы æрфыстæй айвадон æмæ хъуыддаджы стильты.

Коммуникативон: хъусын кæрæдзимæ,раст æмæ æххæстæй дзурын сæ хъуыдытæ


 

Регулятивон :хибарæй агурын æмæ раст арын нысан ,хъæугæ æрмæг.


 

Зонадон: раст амонын æвзаджы фæзилæнтæ, процесстæ,бастдзинад æмæ ахастдзинад текстыл кусгæйæ, фæцалх кæнын хуызæгмæ гæсгæ сæхи хъуыдытæ парахат кæнын


 


 

Урочы цыд


 

1.Организацион хай

2.Мотиваци : ахуырдзауты куыстмæ сразæнгард кæнын.

:Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, абон нæм ис уазджытæ æмæ сæм мидбылты бахудæм æмæ сын бон хорз зæгъæм,кæрæдзийæн та цæстæнгасæй балавар кæнут урочы æнтыстдзинад. стратеги «Къухарм къухарммæ» бавæргæйæ .

« Къухарм арммæ къæрцц кæнæм,

Иу бинонтау мах цæрæм»

Ахуыргæнæг: Ууыл нæ урок райдайдзыстæм, уæ тетрæдты ныффыссут абоны нымæц, къласы куыст æмæ дыууæ рæнхъы фæуадзут темæйæн.

  1. Фæйнæгыл фыст хæс. Ацы дамгъæтæй сæмбырд кæнут дзырд, æмæ нын уый уыдзæн дæгъæл нæ ног æрмæджы темæ базонынмæ.

ТКЕТС (текст) _

Цы у текст? (дыууæ кæнæ фылдæр хъуыдыйæдтæй арæзт, грамматикон æгъдауæй æмæ хъуыдымæ гæсгæ баст иуæг)

Цæмæй хицæн кæнынц текстытæ? (Стиль æмæ хуызтæй, типтæй)

Цавæр стильтæ зонут ирон æвзаджы? (хуымæтæг ныхасы стиль, аивадон, хъуыддаджы, публицистон, наукон, -)

  1. Цæмæй нæ абоны темæйы дыккаг хай раргом кæнæм, уымæн нæ хъæуы мини-проект къордты куысты саразын.

Ахуыргæнæг: ныффыссут хæс №1 уæ тетрæдты. (бакæсут текст, базонут йын йæ хуыз, раттут йын цыбыр характеристикæ. Цы уын баххуыс уыдзæн? (чиныджы æрмæг æмæ зонындзинæдтæ рацыд æрмæгæй.)

Ныр та къордты сæйраг архайджытæ размæ рахизут æмæ райсут уæ хæслæвæрдтæ.

Фыццаг къорды текст:

Знон уыдтæн цирчы æмæ дзы федтон тигртæ. Цы нæ кодтой уыдон! Фыццаг-иу сæ фæстаг дзæмбытыл слæууыдыстæ, уый фæстæ гæпп кодтой иу тæрхæгæй иннæмæ судзгæ тæлыты астæуты. Фæстагмæ цæ дрессировщик рæнхъ слæууын кодта æмæ сæ фæсæттыл цыдис цыма асинтыл цыд.

Дыккаг къорды текст

Знон уыдтæн цирчы æмæ дзы федтон тигртæ. Цæй тыхджын æмæ рæссугъд сты уыдон! Сæ цæрмттæ ирд, сæ цæстытæй зынг судзы цъæх артау. Сæ дзæмбытæ фидар. Уыдон куы фæхъырнынц, уæд фæзынынц сæ урс дæндæгтæ.


 

Æртыккаг къорды текст

Знон уыдтæн цирчы æмæ дзы федтон тигртæ. Цымæ цæмæн афтæ хорз хъусынц дрессировщикмæ ахæм тыхджын сырдтæ? Чи зоны уымæн æмæ сæ адæймаг нæ тæрсы. Æви уымæн æмæ сыл сырдтæм кæсæг ауды зæрдæйæ. Æрмæст тынджын æмæ ныфсхаст адæм кусынц тугдзых сырдтимæ.


 

Фыццаг къорд - ацы текст у таурæгъон. Ныхас дзы цæуы архæйдтытыл фæд фæдыл æвæрдæй. Пайда гонд дзы цæуы бирæ мивдисджытæй. Зæгъæм, уыдтæн, слæууыдысты, гæпп кодтой, цыдис.


 

Дыккаг къорд - ацы текст у æрфыст. Æвдыст дзы цæуы тигрты æууæлтæ. Тексты пайда гонд цæуы миногонтæй, аивгæнæн дзырдтæй: абарст, эпитет,метафорæ. Ацы гыццыл тексты ис аст миногоны.


 

Æртыккаг къорд - ацы текст та у тæрхæгтæ. Пайда гонд дзы цæуы архæйдтытæ æмæ æцæгдзинад. Текст арæзт у пъланмæ гæсгæ.

Тезис : Знон уыдтæн цирчы æмæ дзы федтон тигртæ. Цымæ цæмæн афтæ хорз хъусынц дрессировщикмæ ахæм тыхджын сырдтæ?

Аргументтæ: Чи зоны уымæн æмæ сæ адæймаг нæ тæрсы. Æви уымæн æмæ сыл сырдтæм кæсæг ауды зæрдæйæ.

Хатдзæгтæ: Æрмæст тынджын æмæ ныфсхаст адæм кусынц тугдзых сырдтимæ.


 

Уæдæ цавæр дæгъæл ссардтам нæ темæйы дыккаг хаймæ?

Текст, тексты хуызтæ æмæ стильтæ.

Цæмæй нæ темæ баххæст кæнæм уый тыххæй райдзыстæм дзырд текст. Дыккаг къорды тексты хуыз - æрфыст, дыккаг тексты стиль – аивадон.


 

Физминуткæ.


 

Ныр та бакæсæм дыууæ тексты æмæ сæм лæмбынæг байхъусут.


 

Уасæг уыд рæсугъд æмæ уæндаг. Йæ хъуырыл æрттывтой алыхуызон фæрдгуытæ, йæ бумбули – фæныкхуыз - урс хъулæттæ, йæ къæдзил та даргъ, æхсырф хуыз. Йæ æрттиваг риуразмæ ивæзта бæрзонд-иу æй систа æмæ сæрбæрзондæй каст


 


 


 

Уасæг – рæстæмбис маргъ. Йæ дæргъ – 66 см., уæз 900-1350гр., йæ хуыз – сырх хъулæттæ, гуыбынырдыгæй – сау хъулæттæ. йæ къоппа сырх, бырынкъ – бур.

- Цы ис ацы дыууæ тексты æмхуызонæй? (уасæджы æрфыст)

- Цæмæй хицæн кæнынц? (иу тексты автор равдыста уасæджы æрфыст, йæ рæсугъддзинад, йæ æууæлтæ, хуыз, хи дарæны фæрæз. Йæ цæстæнгас ацы маргъмæ; иннæ тексты та, уасæгæн йæ ас, уæз, хуыз. Фæлæ дзы не вдисы йæхи цæстæнгас.

- Кæцы текст уæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы? Цæмæн?

Хатдзæг æрфыст вæййы дыууæ хуызы.

1 – хъуыддаджы уым æвдыст фæцæуы фактытæ, нæ дзы вæййы авторы цæстæнгас, фыст вæййы официалон –хъуыддаджы стилæй, йæ нысан – информации æрвитынæн.

2 – айвадон пайда дзы кæнынц айвадон литературæйы. Ацы стилы текст февдисы авторы æнкъарæнтæ, хъуыдытæ, цæстæнгас æмæ арæзт вæййы чиныгкæсæджы зондахастмæ.

Ахуыргæнæг: Ацы урочы мах бацархайдтам проблемон ситуации райхалыныл. Чиныгмæ ма æркæсæм, раст æй райхæлдтам? (чиныгимæ куыст)

 


 

Айвады къæбиц:

Ахуыргæнæг: иу хат фыссæг æнафонмæ фæкуыста æмæ фæлладæй бафынæй йе стъолы уæлхъус. Æхсæвы фынæйæ йæ куыстытыл акалдта æхсыры агуывзæ. Къухфыстытæй иутæ фехæлдысты, фæлæ ма дзы нæ амондæн цыдæрдтæ фервæзт. Баххуыс ма кæнæм фыссæгæн текстытæ баххæст кæнын ,цæмæй хæлд ма æрцæуа се стиль æмæ сæ хуыз.

Райсут уæ тексттæ, уæ хъус æрдарут дзырдтæм. Цымæ уæ сеппæт дзырдæ дæр бахъæудзысты (дзырдты формæйæн ивæн ис).


 

1 къорд

Айвадон стилы æрфыст

Нæ сыхаг хæдзары цæры тынг ______ гæды. Йæ царм у _____, йæ ____ _____. Йæ цæстытæ _______ цæппузыры хуызæн, йæ хъустæ _________, йæ рихитæ ______. Йæ дзæмбытыл _________ ныхтæ, къæдзил ____. Æз тынграгæй уарзын ацы _____ гæдыйы.


 

Æххуысгæнæн дзырдтæ: рæссугъд, хæларзæрдæ,даргъ, цингæнаг,зондджын, цæрдæг, къæрцхъус, цыргъ, хъуынджын, ирд, барын, хæссын.


 

2 къорд

Æрфыст хъуыддаджы стилы

Куыд ис бахъахъхъанæн бæрæгбонæй къуыри раздæр æлхæд дидинджытæ?

Дидинджыны хъæдтæ цыргъ кардæй ________ æмæ сæ дыууæ сахаты сæвæр _______ доны. Стæй дидинджыты баст батух газеты æмæ йæ сæвæр быннаг хатæны _____. _________ боны фæстæ дидинджыты баст _______ ног тынды _____.


 

Æххуысгæнæн дзырдтæ: алыг кæн, хъæрмуст, уазалгæнæн, цалдæр, уыдзæн, хуызæн.


 

3 къорд

Æрхъуыды кæнын æххуысгæнæн дзырдты руаджы текст – æрфыст «хъæдхой» хъуыддаджы стилы

Æххуысгæнæн дзырдтæ: дæргъ 22-27 см, сау, урс, хъулон, сау стъæлфытæ, сау бырынкъ, йæ къæхтæ, саухъулон, Уæрæсейы хъæдты алкæмдæр, бæласы хъæдтыл, къогъотæ, бындзытæ, зулчъытæ.


 

Текстыты бакаст æмæ сæ равзæрст.

Хатдзæгтæ

Рефлексийæ

Абон æз бамбæрстон…

Абон æз базыдтон…

Æххæст кодтон хæслæвæрдтæ…

Мæ куыстæй разы дæн…

Ныр зондзынæн…

 


 


 


 

Нæ бамбæрстон…

Нæ базыдтон…

Нæ сарæзтон…

Мæ куыстæй разы нæ дæн…

Нæ зондзынæн…

 


 


Полный текст материала Конспект урока родного языка "Описание предмета" смотрите в скачиваемом файле.
На странице приведен фрагмент.
Автор: Кулиева Джульета Алексеевна  Публикатор
25.12.2021 0 682 160

Спасибо за Вашу оценку. Если хотите, чтобы Ваше имя
стало известно автору, войдите на сайт как пользователь
и нажмите Спасибо еще раз. Ваше имя появится на этой стрнице.



А вы знали?

Инструкции по ПК