Литературно-музыкальная композиция ко Дню Победы "Их имена будут жить вечно"


Хъуысы æнкъард музыкæ «Нæ хæстон хъæбултæн» - Медойты С. зарæг.
Сценæйыл бадынц дыууæрдыгæй скъоладзаутæ – архайджытæ. Рацæуы 1
ахуырдзау дидинджытимæ æмæ æнкъард хъæлæсы уагæй, хъæрæй дзуры эпиграфы ныхæстæ, ссудзы цырагъ, архайджытæ æдзæмæй слæууынц. Райхъуыст хъæрæй зарæг « Священная война». Сбадынц сывæллæттæ. Иу дзы 
баззад лæугæйæ æмæ дзуры аив хъæлæсы уагæй).

1 кæсæг:      Хъæрзы зæхх…Ниуынц цæлхытæ…Цæуы тох, хъазуатон тох! Нæ сæтты зæхх.. Зæхх уыны, йæ хъæбултæ куыд сæфынц, уый. Уыцы æбуалгъ сæфт нæ уромы зæхх. Ныууынæргъы.. Фæлæбуры йæ рустæм. Æнæвгъау сæ ратоны…

(Хъуысы героикон зарæг хъæрæй. Музыкæ фæсабырдæр, æмæ дзуры хъæрæй 
2-аг кæсæг.)
 
2 кæсæг :
                  О, цас разынд хъæбатыртæ нæ Иры,
                  Фæйнæгфарс нæ, болатбазыг сты,
                  Тæхгæ нæмыг – иу ахызти йæ риуы,
                  Уæддæр нæ хауд лæгæвзарæн хæсты…

3 кæсæг :
                   Нæ сахъ фæсивæд тохы фæзы баззад,
                   Нæ сахъ фæсивæд нал цæуы хъæумæ…
                   О, цал рæсугъды судзгæ уарзт фæсайдта,
                   О, цал идæдзæн нал раздæхт йæ мой.
                   О, цал мады сæ уæлæ скодтой саутæ,
                   О, цал фыртæн йæ фыд йæ цуры нæй?!

4 кæсæг :                О, хъæбатыр мадæлтæ! 
                  Цал æмæ цал мады зæрдæ баззад хæсты быдыры?
                   Цал æмæ цал мадæн нæма бахус сты судзгæ цæссыгтæ йæ рустыл?
                  Цал æмæ цал мады сæ уæлæ скодтой саутæ?
                  Цал æмæ цал мады не’ууæндыд йæ хъæбулты сæфтыл?..
                  Уыдонимæ… Гæздæнты авд æфсымæры мад дæр…

( Хъуысы æнкъард музыкæ «Нæ хæстон хъæбултæн». Фæзыны иу чызг Гæздæнты æфсымæрты мады ролы, цухъхъаты раз æрлæууы. Сценкæ «Мад йæ фæстаг фыртмæ бацыд …». Мады ныхæсты фæстæ райхъуыст æнкъард музыкæ.)

5 кæсæг : 
                 Нæй ныббарæн бæстæйы æфхæрдæн!
                 Сау фыдгæнæг, фесæфæд дæ сæр!
                 Адæмы маст басудздзæн дæ цæрæн,
                 Адæмы маст – арт æмæ цæхæр!.

(Хъуысы хъæрæй зарæг «День Победы». Фæсивæд сыстынц æмæ хъæлдзæг    сæхи дарынц, худынц, ныхас кæнынц…Иу лæппу хъæрæй :   -               -  Фæндыр, фæндыр, фæсивæд!Абон кадджын бæрæгбон у, æмæ иу уæздан кафт акæнæм! Æмдзæгъд! Кафынц «Хонгæ».Кафт фæци. Райхъуыст кассетæйыл фыст « Уалдзæджы хъæлæстæ».Фæсивæды æхсæнæй иу чызг – кæсæг рахызт æмæ аивæй дзуры.)
 


Полный текст материала Литературно-музыкальная композиция ко Дню Победы "Их имена будут жить вечно" смотрите в скачиваемом файле.
На странице приведен фрагмент.
Автор: Газзаева Татьяна Сергеевна  gazzaevatat
02.05.2022 0 690 2

Спасибо за Вашу оценку. Если хотите, чтобы Ваше имя
стало известно автору, войдите на сайт как пользователь
и нажмите Спасибо еще раз. Ваше имя появится на этой стрнице.


Смотрите похожие материалы


А вы знали?

Инструкции по ПК