Сценарий "Лучшие песни посвящайте матерям"
Бæрæгбоны цыд.
I. ( Хъуысы уæздан ирон музыкæ. Рацæуынц сценæмæ 2 ахуырдзау – амонæджы.)
1 – аг амонæг: - Уæ бон хорз, зынаргъ мадæлтæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Зæрдиаг арфæ уын кæнæм сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл. Нæ зæрдæ уын зæгъы стыр æнæниздзинад, уæ кæстæрты хуртæй куыд бафсæдат æмæ ма бирæ азты амондджынæй куыд фæцæрат! Хонæм уæ литературон - музыкалон композицимæ « Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут!»
2 – аг амонæг: - Сылгоймаг!.. Мад!..Ды дæ уалдзæгау рæсугъд, царддæттæг,
хуры тынтæ уарæг!.. Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд хъуамæ ферох уой дæ бирæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдаугæ цæстæнгас?!
- Цы ис зæххыл зынаргъдæр мадæй? – МАД!
1 – аг амонæг: - Зындгонд уырыссаг фыссæг М.Горький фыста: : «Æнæ сылгоймаг нæдæр хъæбатыр ис, нæдæр поэт!»
Хуыцау, æвæццæгæн, хуымæтæджы не’схайджын кодта сылгоймаджы æмбисонды хорз миниуджытæй. Ирон адæммæ ис ахæм таурæгъ сылгоймаджы тыххæй. Чи зоны, исчи уæ йæ фехъуыста.
Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр, æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад, мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæфаг. Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа, уый тыххæй ма йæм бафтыдта ноджы уаддымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ, рувасы хиндзинад,тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф - тулфдзинад дзургæйæ. Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ: арт, зæй, æрвæрттывд, æрвнæрд, тымыгъ, тæркъæвда. Æмæ æппæт уыдæттæй сарæзта СЫЛГОЙМАГ!
На странице приведен фрагмент.
Автор: Газзаева Татьяна Сергеевна
→ gazzaevatat 10.05.2022 0 713 3 |
Спасибо за Вашу оценку. Если хотите, чтобы Ваше имя
стало известно автору, войдите на сайт как пользователь
и нажмите Спасибо еще раз. Ваше имя появится на этой стрнице.