Конспект урока осетинского языка "Ӕрдзыивддзинæдтæ"; 4 класс
Технологон картæ ирон ӕвзаджы урокмæ 4-æм къласы
Ныхасы темӕ: «Ӕрдзы ивддзинæдтæ.»
Темӕ: 3-аг цæсгомы мивдисджыты ивынад нырыккон афоны.
Ахуыргӕнӕг: Нарыкьаты Р.А.
Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ |
1. Цӕсгомон мивдисджыты ивынад нырыккон афоны сбӕрӕг кӕнын. 2.Фысгӕ ӕмӕ ныхасы рӕзтыл кусын. 3.Скъоладзауты разӕнгард кӕнын ӕрдзы ивддзинадтӕм . |
Урочы тип |
Ног зонындзинæдтæ райсын. |
Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ |
Предметон: сбӕрӕг кӕнын цӕсгомон мивдисджыты ивынад ныррыкон афоны. Метапредметон: урочы ахуырадон хæс æмбарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын. Удгоймагон: ӕмбарын мадӕлон ӕвзаджы стыр ахадындзинад, ныхасы аивдзинадыл кусын. |
Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ |
Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст, проектон. |
Техникон фӕрӕзтӕ |
Компьютер, мультимедийон проектор |
|
|
Урочы организацион структурӕ
Урочы сӕйраг этаптӕ
ӕмӕ нысантӕ |
Ахуыргæнæджы архайды мидис |
Скъоладзауы архайды мидис |
Универсалон: ахуырадон архайд |
Зонындзинæдтæ
райсыныл архайды
мотиваци
|
Разныхас: Сывӕллӕттӕ, уӕ бон хорз! Ӕхсызгон мын у
сымахимӕ фембӕлд ацы уалдзыгон рӕсугъд бон. Абон нӕ
хъӕуы зӕрдиагӕй бакусын цӕмӕй нӕ зонындзинӕдтӕ
фӕфылдӕр кӕнӕм. |
Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисын
|
Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ
|
Зонындзинæдты
актуализаци
|
- Сымах, ӕвӕццӕгӕн,фӕнды базонын абон цӕуыл
дзурдзыстӕм, уый?
Презентаци «Уалдзыгон ӕрдзы ивддзинӕдтӕ»
Бакӕсын №169 ф. 90 фарс.
- Цӕмӕн хонынц адӕм хъӕд «зӕххы рӕуджытӕ»?
- Ныртӕккӕ цавӕр афӕдзы афон у?
Цавӕр афӕдзы афонтӕ ма зонут?
- Уӕдӕ нӕ ныхасы темӕ цӕуыл уыдзӕн?
1. Дзырдуатон диктант.
Уалдзӕг, уддзӕф, кӕрдӕг, ӕрдз, райхъал, рафтаудзысты.
2. Саразын дзырдбӕстытӕ.
Цъӕх кӕрдӕг, рӕсугъд ӕрдз.
3. Саразын хъуыдыйӕдтӕ, фӕбӕрӕг кӕнын хъуыдыйады
сӕйраг уӕнгтӕ.
Цӕхӕрадоны зайы цъӕх кӕрдӕг.(фӕбӕрӕг кӕнын сӕйраг
уӕнгтӕ)
4. Саразын цыбыр радзырд «Ралӕууыд уалдзӕг». |
|
Ахуырадон: сывӕллӕттӕ бӕрӕг кӕнынц урочы нысан.
Зонадон: зонындзинӕдтӕй раст пайда кӕнын. |
Ног æрмæг |
1. Фæбæрæг кæнын нымæц, афон, кæрон.
Зайы-3ц, и. н., н. аф.
- 169 ф. рафыссын бæрæггонд дзырдтæ.
- Цавæр ныхасы хаймæ хауынц?
- Цавæр ныхасы хæйттæ ма зонут?
- Цы у номдар, куыд ивы?
- Цы у миногон?
- Цы у мивдисæг, куыд ивы?
- Куыд хуыйны мивдисæджы ивынад цӕсгӕмттӕм,
нымӕцтӕм ӕмӕ афонтӕм гӕсгӕ?
- Уӕдӕ нӕ граматикон темӕ та цавӕр уыдзӕн? |
Фæрстытæн дзуапп дæттынц |
Регулятивон: ахуырадон хæс æвæрын.
Зонадон: зонындзинӕдтӕй раст пайда кӕнын.
Коммуникативон: алыхуызон хъуыдытӕ хынцынц |
Ног ӕрмӕгимӕ куысты хуызтӕ |
1. Бафтауын номивджытӕм мивдисджытӕ.
Хъазын, цӕуыс, худӕм, кусы, фыссут, кӕсынц
Ӕз… Мах…
Ды… Сымах…
Уый… Уыдон…
2. Фӕбӕрӕг кӕнын мивдисӕджды кӕрон 3ц, иууон ӕмӕ
бирӕон нымӕцы, нырыккон афоны.
Уый кусы
Сымах кусут
- Уӕдӕ цавӕр кӕрон ис мивдисӕгӕн 3ц, иууон ӕмӕ бирӕон
нымӕцы, нырыккон афоны? |
Ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрд. |
Зонадон: хъӕугӕ информаци раст пайда кӕнын.
Коммуникативон: хи хъуыдытӕ ӕргом кӕнын.
Регулятивон: ахуырадон нысан æвæрын. |
Физминутка |
|
|
|
Чиныгимӕ куыст |
Къордтыл куыст.
Баххӕст кӕнын № 172 ф.
1-аг къорд- рафыссын 3ц., и. н., ныр.аф.мивдисджытӕ.
2-аг къорд-рафыссын 3ц., б. н., н афоны мивдисджытӕ. |
Хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынц |
Зонадон: зонындзинӕдтӕй раст пайда кӕнын.
Коммуникативон: ахуыргӕнӕг ӕмӕ ахуырдзаутӕ иумӕ кусынц. |
|
|
|
|
Рефлекси |
- Бӕлвырд цавӕр ныхасы хӕйы тыххӕй дзырдтам?
- Цавӕр урочы хай фӕцыдис уӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр?
-Цӕмӕн?
- Уӕдӕ цы базыдтам ногӕй мивдисӕджы тыххӕй
- Ӕз зонын, мивдисӕг у…
- Ӕз зонын, мивдисӕг ивы …
- Ӕз зонын, мивдисӕджы ивынад хуйны … |
Дзуаппытӕ дӕтынц |
Зонадон: анализ кӕнын зонындзинӕдтӕн ӕмӕ афтӕмӕй ӕмгуыст кӕнын.
Коммуникативон: хи хъуыдытӕ раст дзурын. |
Бӕрӕггӕнӕнтӕ. |
|
|
|
Х/куыст |
1. Сахуыр кӕнын раиртӕст.
2. Баххӕст кӕнын №174 ф. |
Бӕрӕг кӕнын х/к |
|
На странице приведен фрагмент.
Автор: Нарикаева Рита Агубеевна
→ Публикатор 26.03.2023 0 684 33 |
Спасибо за Вашу оценку. Если хотите, чтобы Ваше имя
стало известно автору, войдите на сайт как пользователь
и нажмите Спасибо еще раз. Ваше имя появится на этой стрнице.